10 Бӕллӕхы заман кӕд лӕмӕгъ разындтӕ, уӕд хъаруйӕ мӕгуыр дӕ.
Дӕхи рад у ныр та, ӕмӕ нӕ быхсыс; фыдбылыз дӕхиуыл ӕрцыд, ӕмӕ катайы бацыдтӕ.
Ма фӕтӕрсут, бӕстӕйы цы уац айхъуысдзӕн, уымӕй. Иу аз хъусдзыстут дам-думтӕ, иннӕ аз дӕр — афтӕ: цыма зӕхх байдзаг уыдзӕн тыхмийӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сыстдзысты.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг сахармӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты.
Ахӕм куыст нын Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы лӕвӕрд у, ӕмӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт — уыдон уыдзысты уӕ кадӕн.
Зӕгъӕнт ма ноджыдӕр уагдартӕ хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи йӕ ныфс нӕ хӕссы, йӕ зӕрдӕйы тас ис, уӕд аздӕхӕд фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ, цӕмӕй уымӕ гӕсгӕ йе ’фсымӕрты зӕрдӕты дӕр тас ма бацӕуа“.
Ӕз зонын: ды цӕрыс, сайтанӕн йӕ паддзахы бадӕн кӕм ис, уым, фӕлӕ уӕддӕр ӕнувыд дӕ Мӕ номыл. Ды мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай, суанг Мыл, сайтан кӕм цӕры, уӕ уыцы сахары Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕйы куы амардтой, уӕд дӕр.
Ды фӕразон дӕ, бирӕ бавзӕрстай Мӕ номы сӕраппонд, ӕмӕ нӕ бафӕлладтӕ.
Давид йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Искуы Саулы къухӕй сӕфдзынӕн, ӕмӕ мын филистимӕгты бӕстӕм алидзынӕй хуыздӕр амал нӕй. Уӕд йӕ ныфс асӕтдзӕни Саулӕн ӕмӕ мӕ нал агурдзӕн Израилы алы къуымты, ӕмӕ дзы афтӕмӕй фервӕздзынӕн».