8 Дӕ комдзаг фӕстӕмӕ сомдзынӕ, дӕ хорз ныхӕстӕ уӕлдӕфы ацӕудзысты.
Цы мулк аныхъуырдта, уый фӕстӕмӕ сомдзӕн, — Хуыцау ын ӕй йӕ фарсӕй фӕкӕндзӕн.
Зондцухӕн мацы дзур — дӕ зондджын ныхӕстыл дын ӕрмӕст фӕхуддзӕнис.
Мыд куы ссарай, уӕд дзы ӕрмӕст, цас дӕ хъӕуы, уый бӕрц бахӕр; фырхӕрд дзы куы бакӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕ схӕццӕ уыдзӕн.
Суанг дыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд.