5 хъӕздыгдзинад, куыддӕр ӕм бакӕсай, афтӕ ӕрбайсӕфы, цӕргӕсау айтындзы йӕ базыртӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы.
Сӕ фыд Йаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Йосеф нал ис. Симеон нал ис. Бениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр мӕныл цӕуынц!»
Бонджынӕй бӕргӕ ныххуыссы, фӕлӕ сӕумӕйӕ гаффуттӕй райхъал вӕййы.
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?
уымӕн ӕмӕ хъӕздыгдзинад ӕнусон нӕу ӕмӕ паддзахы кады худ дӕр алы хатт иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ не ’рхауы.
«Алцы дӕр аивгъуыйы, алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы».
Алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы, — зӕгъы Хуыцауы ныхас амонӕг, — алцыдӕр аивгъуыйы!
Уе ’взистӕй цӕмӕн дӕттут, къӕбӕры аккаг уын цы нӕу, уый сӕрмӕ? Уӕ хъиамӕтӕй дӕр цӕмӕн фидут, уе стонг уын цы нӕ сафы, ууыл? Мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уӕ хойраг уыдзӕни фӕрнӕйдзаг, уӕ удтӕ ӕфсаддзыстут хӕрзад хӕринагӕй.
Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»
«Ракӕн ӕй ӕмӕ йӕм дӕ хъус фӕдар. Мацы знаггад ын ракӕн, ӕрмӕстдӕр дын йӕхӕдӕг цы зӕгъа, уый-иу ын бакӕн».
Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ ма ӕмбырд кӕнут — ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, хуыснӕджытӕ сӕм баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц.
Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.
Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.