4 Хъӕздыгдзинады фӕдыл ма згъор, кӕд ӕрлӕууын хъӕуы, уый зон;
Бонджынӕй бӕргӕ ныххуыссы, фӕлӕ сӕумӕйӕ гаффуттӕй райхъал вӕййы.
Кӕрӕф адӕймаг йӕ хӕдзарыл фыдбылыз ӕфтауы; гӕртӕмттӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты, уый та цӕрдзӕн.
Искуы, йӕхимӕ куырыхон чи кӕсы, ахӕм адӕймагыл сӕмбӕлдтӕ? Зондцухыл дӕр ма зӕрдӕ дарӕн фылдӕр ис.
уымӕн ӕмӕ хъӕздыгдзинад ӕнусон нӕу ӕмӕ паддзахы кады худ дӕр алы хатт иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ не ’рхауы.
Иузӕрдион адӕймаг — сӕдӕ хатты арфӕгонд, мулкыл хӕлоф чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.
Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕгыл ӕууӕнд, дӕхи зондыл дӕ зӕрдӕ ма дар.
Дӕхи цӕсты куырыхон ма у, Дунедарӕгӕй тӕрс, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз, —
фӕлӕ йӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нал вӕййы, йӕ мулк ӕрбайсӕфы, ӕмӕ йӕ фыртӕн бынтӕ нӕ ныууадзы.
Додой сӕ къона, йӕхи цӕсты куырыхон чи у ӕмӕ йӕхи зондджын чи хоны!
Фехъусын сын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Адӕмы мӕрдтӕ, быдырты цы фаджыс фӕлӕзӕры, хуымгӕрдӕг йӕ фӕстӕ цы мӕнӕуы куыристӕ ныууадзы, уыдонау зӕххыл лӕзӕрдзысты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый нӕ уыдзӕн».
Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ ма ӕмбырд кӕнут — ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, хуыснӕджытӕ сӕм баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц.
фӕлӕ сын ӕй зӕххон царды мӕт, мулчы бӕллиц ӕмӕ ӕндӕр ахӕм монцтӕ сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ пайда нӕ ратты.
Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».
Фӕнды мӕ, ӕфсымӕртӕ, сымахӕн ацы сусӕгдзинад раргом кӕнын, цӕмӕй уӕхицӕй ма ныббуц уат: Израилы иу хай нӕ басӕтдзӕн, цалынмӕ муртаттӕгтӕй, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц Хуыцаумӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.
Цӕрут ӕмзӕрдӕйӕ. Схъӕл ма ут; сӕрныллӕгӕй чи цӕры, уыдоны дӕр уӕ сӕрмӕ хӕссут. Уӕхи цӕсты ӕгӕр бӕрзонд ма ут.
Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».