Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 23:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Зӕгъдзынӕ: «Надтой мӕ, фӕлӕ мын нӕ рысти, хостой мӕ, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон, куы фӕфынӕй кӕнон, уӕд та ногӕй нозтагур зилдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 23:35
11 Iomraidhean Croise  

Денджызы астӕу кӕнӕ наухъилы цъуппыл чи бафынӕй ис, уый хуызӕн суыдзынӕ.


Куыдз йӕ омдзӕгтӕм куыд раздӕхы, афтӕ зондцух дӕр йе ’рра митӕ нӕ фӕуадзы.


Ӕдылыйы нӕмгуытимӕ фӕхты куы фӕхойай, уӕд дӕр дзы йе ’дылы зонд нӕ фӕхицӕн уыдзӕн.


Фӕлӕ сымах уый бӕсты хъӕлдзӕгдзинад сарӕзтат; цин кӕнут, галтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут, дзидза хӕрут, сӕн нуазут ӕмӕ дзурут: «Цӕй уӕдӕ хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм — уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»


Сидынц: «Цомут ӕмӕ абон дзӕбӕх нынцъухӕм сӕн ӕмӕ махсымӕ, райсом та дзы ноджы хуыздӕр фӕкӕсдзыстӕм нӕхимӕ!»


Ӕз Ефремы хъӕрзын хъусын: «Хивӕнд родау мӕ бафхӕрдтой, ӕмӕ ӕфхӕрд баййӕфтон. Раздах мӕ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхон, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, мӕ Хуыцау!


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!


Хъӕбӕрзӕрдӕтӕ систы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бафтыдысты ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, чъизи митӕй сын бафсис нал ис.


Ацы карз ӕлгъысты ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, афтӕ чи зӕгъа, мӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕудзынӕн, зӕгъгӕ, уый арфӕгонд нӕ уыдзӕн. Афтӕмӕй донӕфсӕст зӕхх дӕр ӕмӕ, ӕнӕ донӕй чи ныххус, уыцы зӕхх дӕр бабын уыдзысты.


Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди ахӕм ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ» ӕмӕ: «Хуы ӕхсад куы ’рцӕуа, уӕд фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы стулдзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan