34 Денджызы астӕу кӕнӕ наухъилы цъуппыл чи бафынӕй ис, уый хуызӕн суыдзынӕ.
Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».
Йӕ ныхмӕ йын сусӕгвӕнд скодта йе ’фсады хицау Зимри. Уый уыди йӕ тохуӕрдӕтты ӕфсадӕн йе ’мбисы хицау. Паддзах Тирцайы сахары, йе ’ппӕт исбон дӕр кӕй бӕрны уыд, уыцы Арцайы хӕдзары куы фӕрасыг,
Дӕ раулӕфтӕй хӕрдмӕ фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ, хъен слӕууыдысты сисау, сурзӕхх фестади хуыдым.
Искӕй устытӕм бакӕс-бакӕс кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕйы чъизи хъуыдытӕ фӕзындзӕн.
Зӕгъдзынӕ: «Надтой мӕ, фӕлӕ мын нӕ рысти, хостой мӕ, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон, куы фӕфынӕй кӕнон, уӕд та ногӕй нозтагур зилдзынӕн».
Лемуел, паддзӕхтыл нӕ фидауы сӕн нуазын, уӕздӕттыл — махсымӕйы фӕдыл зилын,
Райхъал ут, расыггӕнджытӕ! Сӕн уарзджытӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ сӕны хъӕстӕ нал фӕуыдзыстут.
Доныхъаймӕты размӕ, суанг цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызти, уӕдмӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ моймӕ цыдысты.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.