Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 23:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Кӕмӕн хъуысынц сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын? Загъд ӕмӕ судзаг хъаст чи кӕны? Кӕмӕн сцъӕхтӕ ис йӕ буар? Йӕ цӕстытӕ кӕмӕн ныссырх сты?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 23:29
16 Iomraidhean Croise  

Уыцы ӕхсӕв сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ хистӕр чызг йемӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.


Йӕ цӕстытӕ уымӕн сты сау сӕнӕй саудӕр, йӕ дӕндӕгтӕ уымӕн ӕхсырӕй сты урсдӕр.


Давид йӕ фынгмӕ фӕхуыдта, ӕмӕ Уриа бахордта ӕмӕ бануӕзта йемӕ. Давид ӕй фӕрасыг кодта, фӕлӕ та изӕрӕй Уриа рацыди ӕмӕ йӕ паддзахы дӕлдӕртимӕ бахсӕвиуат кодта, йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд.


Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».


Сӕн — хынджылӕггӕнаг, арахъхъ — нӕрӕмон, чи сыл фӕцалх ис, уый ӕдылы у.


Сӕнӕй йӕ мондӕгтӕ чи исы ӕмӕ дзидза фырхӕрд чи кӕны, уыдоны ’хсӕнмӕ ма цу,


уымӕн ӕмӕ расыггӕнаг ӕмӕ гуыбындзӕл мӕгуырмӕ ’рцӕудзысты, дӕ зивӕджы тыххӕй бызгъуырты цӕудзынӕ.


Додой сӕ къона, сӕумӕйӕ нозты фӕдыл чи зилы, фӕсахсӕвӕрты дӕр ӕнӕ сӕн чи нӕ лӕууы!


Додой сӕ къона, йе ’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у, йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.


Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!


Фыднозт ма кӕнут сӕн, уымӕн ӕмӕ уый расайы хӕлд митӕ, уый бӕсты уӕхи йемыдзаг кӕнут Сыгъдӕг Удӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan