26 Мӕ лӕппу, ме ’рдӕм раздах дӕ зӕрдӕ, дӕ цӕстӕнгас мӕ фӕндӕгтӕм сараз.
Дунедарӕджы Ӕгъдау адджын кӕмӕн у, Дунедарӕджы Дзырд ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ зӕрдыл чи дары!
Ӕз загътон: «О Дунедарӕг, фӕлитой дзых, мӕнгард ӕвзагӕй мӕ бахиз».
Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —
Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.
Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта: «Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.
Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».
«Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.
Ӕнхъӕл куыд уыдыстӕм, уымӕй ноджы стырдӕр ӕххуыс бакодтой! Сӕхи уал раздӕр Бардарӕгӕн радтой, стӕй та, Хуыцауы фӕндӕй, махӕн.
уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты куыд ӕрцӕра. Уарзондзинад уӕд уӕ царды бындур.
Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ.
Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ, цалынмӕ бон фӕцъӕх уа ӕмӕ сӕууон стъалы уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе ’ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут.