23 Ӕцӕгдзинад агур, уӕлзонд, зондамынд ӕмӕ зонды хӕзнатӕ ма ауӕй кӕн.
Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.
Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.
Ӕдылыйы та ’хцайы хызын цӕмӕн хъӕуы? Зонд дӕм куынӕ уа, уӕд уӕлзонд нӕ балхӕндзынӕ.
Лӕг удвидар куы уа, уӕд йӕ буар дӕр низы ныхмӕ фидар уыдзӕн, фӕлӕ зӕрдӕсаст куы уа, уӕд ын хъару чи ратдзӕн?
Ӕдзӕсгомӕн уайдзӕфтӕ ма кӕн, науӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ, куырыхонӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ дӕ уарздзӕн.
«Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.
Уӕларвон Паддзахад у быдыры ныгӕд хӕзнайы хуызӕн. Адӕймаг ӕй ссардта, фӕстӕмӕ йӕ баныгӕдта, йӕхӕдӕг цингӕнгӕ ацыди, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый ауӕй кодта ӕмӕ уыцы быдыр балхӕдта.
Уый иу зынаргъ дзындздур куы ссардта, уӕд ацыдис, йӕ исбон иууылдӕр ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта.
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Ӕрмӕст мын Сыгъдӕг Уд алы сахары дӕр раргом кӕны, ахӕстон ӕмӕ мӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый.
Мысыраг хӕзнатӕй йӕхицӕн зынаргъдӕр хӕзнайыл банымадта Чырыстийау ӕфхӕрд ӕййафын, уымӕн ӕмӕ йӕ фидӕны хӕрзиуӕгмӕ уыди йӕ каст.
Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.
Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.