19 Мӕ лӕппу, хъусгӕ кӕн ӕмӕ куырыхон у, дӕ зӕрдӕ раст фӕндагмӕ сараз.
Дӕ зӕрдӕ зондамындмӕ здах, дӕ хъустӕ зонынадмӕ ’рбадар.
Мӕ лӕппу, ме ’рдӕм раздах дӕ зӕрдӕ, дӕ цӕстӕнгас мӕ фӕндӕгтӕм сараз.
Дӕхицӕн раст фӕндаг айгӕрд, ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыдзысты ӕдас.
Магуса! Ацу-ма мӕлдзыгмӕ, ӕмӕ, куыд архайы, уымӕ бакӕс, йӕ уӕлзондыл ын сахуыр у.
Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»
ӕмӕ сын зӕгъӕнт: „Мӕнӕ ай нӕ фырт у, фыдуаг ӕмӕ ӕнӕсӕттон, гуыбындзӕл ӕмӕ къупри“.
Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.