13 Дӕ лӕппуйы ӕнӕ ’фхӕрдӕй ма ныууадз; уисӕй над куы баййафа, уӕд нӕ амӕлдзӕн:
Мӕгуыр лӕджы хуымы дӕр бирӕ тыллӕг ӕрзайы, фӕлӕ галиу миты аххосӕй йӕ хорӕй ӕнӕхай фӕвӕййы.
Дӕ фырты, цалынмӕ нӕма байрӕджы, уӕдмӕ ’фхӕргӕ кӕн, ма йӕ фесаф.
Лӕппу фыдуаг митыл куы сагъуыйы, уӕд, цӕмӕй йе ’дылы зонд ныууадза, уый тыххӕй йӕ уисӕй нӕмын хъӕуы.
Дӕ зӕрдӕ зондамындмӕ здах, дӕ хъустӕ зонынадмӕ ’рбадар.
Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц, рохуаты цы сабийы ныууадзай, уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн.
Дӕ лӕппуйӕн зонд бацамон ӕмӕ йыл мӕт нӕ кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕ дзы райдзӕн.
Уӕ хъомыл кӕныны сӕраппонд фӕразон ут ӕфхӕрдӕн — уымӕй Хуыцау ӕвдисы, хъӕбулты цӕстӕй уӕм кӕй кӕсы, уый. Ахӕм фырт ис, мыййаг, фыд кӕй нӕ бафхӕры?