Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 23:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Рагон арӕны дур ма фезмӕлын кӕн, сидзӕрты хуыммӕ ма бахъав,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 23:10
17 Iomraidhean Croise  

Ды-иу сидзӕргӕсты афтидармӕй арвыстай, сидзӕрты-иу ихы сӕрыл ныууагътай.


Дзидзидай сидзӕры йӕ мады риуӕй ратонынц, хӕсты ныхмӕ мӕгуыр адӕмӕн сӕ сабиты байсынц цъынды.


Сымах сидзӕры тыххӕй хӕлттӕ ӕппарут, уӕ хӕларӕн дзыхъхъ къахут.


Ӕрбацӕут-ма ӕмӕ бакувӕм, ӕрзоныг уӕм Дунедарӕджы, не Сфӕлдисӕджы раз.


Идӕдз ус ӕмӕ сидзӕры ма ’фхӕр.


Дунедарӕг сӕрыстырты хӕдзӕрттӕ фехалы, фӕлӕ идӕдзы арӕнтӕ хъахъхъӕны.


Дӕ фыдӕлтӕ арӕнӕн цы дур сӕвӕрдтой, уый йӕ бынатӕй ма фезмӕлын кӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Раст хъуыддӕгтӕ кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухӕй фервӕзын кӕнут. Ма хъыгдарут ӕмӕ ма ’фхӕрут ӕндӕрбӕстаджы, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы, ӕнаххосты туг ма калут ацы ран.


Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ куы сраст кӕнат ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раст тӕрхон куы кӕнат,


ӕндӕрбӕстаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы куы не ’фхӕрат, ацы бынаты ӕнаххос адӕмы туг куынӕ калат ӕмӕ уӕхи фыдӕнӕн ӕндӕр хуыцӕуттӕм куынӕ куват,


сидзӕргӕсты ӕмӕ сидзӕрты, ӕрцӕуӕггӕгты ӕмӕ мӕгуырты ма ӕфхӕрут, уӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма аразут.


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, дӕ сыхагӕй де ’хсӕн фыдӕлтӕй цы арӕн баззад, ууыл ма бахӕц фалдӕр.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ сыхаджы арӕныл фалдӕр чи ахӕца!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


Сидзӕрты, идӕдзты сӕ зынты барӕвдауын, а дунейы чъизитӕй хи бахизын, — уый у Фыд Хуыцауы раз сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уырнындзинад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan