1 Бӕстӕйы хицауимӕ иу фынгыл хӕрынмӕ куы ’рбадай, уӕд, дӕ разы цы ис, уымӕ лӕмбынӕг кӕс:
Йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы искуы федтай? Уый лӕггад кӕны паддзӕхтӕн, хуымӕтӕг адӕммӕ хӕстӕг нӕ цӕуы.
кӕд гуыбындзӕл дӕ, уӕд дӕ хъуырыл кард сӕвӕр,
Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ.