5 Мӕнгард лӕгӕн йӕ фӕндагыл — сындзытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ, йӕ цард чи хъахъхъӕны, уый сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
Йӕхи къахӕй къӕппӕгмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ахст ӕрцӕудзӕн.
«Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Псалом. Сабатбоны зарӕг.
Куырыхоны зондамынд — царды гуырӕн, мӕлӕты къӕппӕгӕй дӕ фервӕзын кӕндзӕн.
Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, рӕузонд ныхӕстӕ чи кӕны, уый йӕхи фесафдзӕн.
Зивӕггӕнагӕн йӕ фӕндаг — сындзытӕй йедзаг, рӕстудты фӕндаг лӕгъз у.
Рӕстудты фӕндаг фыдбылызӕй бахизы; йӕ фӕндаг чи хъахъхъӕны, уый йӕ уд бавӕры.
Хуыцауы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, йӕ цардвӕндагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, уый та фесӕфдзӕн.
Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ Дунедарӕджы тас — сӕ фӕдыл цӕуынц хъӕздыгдзинад, цыт ӕмӕ цард.
Ӕнӕхуыцауӕн йӕ тӕригъӕд — йӕ къӕппӕг, рӕстуд та цин кӕны ӕмӕ райы.
ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.
уӕд ӕй зонут: Дунедарӕг уын, уӕ Хуыцау, ацы адӕмты нал фӕсурдзӕни уӕ цурӕй, фӕлӕ уын басгуыхдзысты хурхыл ӕвӕрд бӕндӕн ӕмӕ хыз, уӕ фӕрсчытӕ нӕмӕн уис ӕмӕ уӕ цӕстыты ныхсӕг сындз, цалынмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цы алӕмӕты зӕхх балӕвар кодта, уымӕй тард не ’рцӕуат, уӕдмӕ.
Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не ’ххӕссы.