Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 22:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы искуы федтай? Уый лӕггад кӕны паддзӕхтӕн, хуымӕтӕг адӕммӕ хӕстӕг нӕ цӕуы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 22:29
19 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм адӕймаджы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?»


Йосеф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы. Йосеф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мысыры зӕххыл ӕрзилынмӕ.


Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис — хуыздӕр кӕм у, уыцы ран сӕ ӕрцӕрын кӕн. Гошены зӕххыл ӕрцӕрӕнт. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».


Асаелы мард систой ӕмӕ йӕ Вифлеемы йӕ фыды зӕппадзы бавӕрдтой. Йоав йӕ адӕмимӕ ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыди, ӕмӕ сыл Хевроны ӕрбабон ис.


Тӕхудиаг сты, ӕдзух дӕ разы лӕууыны ӕмӕ дӕ куырыхон ныхасмӕ хъусыны фадат кӕмӕн ис, уыдон — дӕ адӕм ӕмӕ, лӕггад дын чидӕриддӕр кӕны, уыдон.


Йоровам та ӕрыгон, фӕлӕ сӕрӕн лӕг уыд. Ӕмӕ, хъуыддаджы лӕг кӕй у, уый Соломон куы федта, уӕд ӕй Йосеф ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл бегарайы куыстытӕм скодта цӕстдарӕг.


Сӕ байзӕддӕгтӕ цардысты Нетаим ӕмӕ Гедерайы, паддзахы цур, ӕмӕ йын куыстой дурынгӕнджытӕй.


Зивӕггӕнаг къухтӕ мӕгуырмӕ ’ркӕнынц, кусаг къухтӕ — хъӕздыгдзинадмӕ.


Кусаг къух хицауиуӕг кӕндзӕн, магусатӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы бегара.


Бӕстӕйы хицауимӕ иу фынгыл хӕрынмӕ куы ’рбадай, уӕд, дӕ разы цы ис, уымӕ лӕмбынӕг кӕс:


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Паддзах семӕ фӕныхас кодта, ӕмӕ лӕппутӕй Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариаимӕ абарӕн дӕр никӕй уыд. Уыйадыл паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.


бакастджын, ахуырмӕ зӕрдӕргъӕвд, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕппуты — фидӕны паддзахы галуаны сӕ бон лӕггад кӕнын кӕмӕн суыдзӕн, ахӕмты. Лӕппуты хъуамӕ халдейагау кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтаиккой.


Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, ды дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар дӕ! Гыццыл хъуыддаджы иузӕрдион уыдтӕ, ӕмӕ дын ӕз стырдӕр хъуыддаг бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ“.


Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар! Гыццыл хъуыддаджы иузӕрдион уыдтӕ, ӕмӕ дын ӕз стырдӕр хъуыддаг бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ“.


Зӕрдиагӕй лӕггад кӕнут Хуыцауӕн, уӕ удӕй арт цӕгъдут.


хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.


Афтӕмӕй Давид ӕрцыди Саулмӕ ӕмӕ йын лӕггад кодта. Тынг фӕцыди Саулы зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ хотыхдар скодта йӕхицӕн.


Давиды ныхӕстӕ фехъуыстӕуыд, ӕмӕ сӕ рафӕзмыдтой Саулӕн. Уый йӕм фӕсидти.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan