28 Дӕ фыдӕлтӕ арӕнӕн цы дур сӕвӕрдтой, уый йӕ бынатӕй ма фезмӕлын кӕн.
Ауӕдзы дуртыл ӕддӕдӕр ахӕцынц адӕм, давд фосӕй сфосджын вӕййынц.
Рагон арӕны дур ма фезмӕлын кӕн, сидзӕрты хуыммӕ ма бахъав,
Ӕнӕхуыцау! Рӕстуды хӕдзары раз асадӕны ма бад, йӕ хӕдзар ын ма сафтид кӕн,
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, дӕ сыхагӕй де ’хсӕн фыдӕлтӕй цы арӕн баззад, ууыл ма бахӕц фалдӕр.
„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ сыхаджы арӕныл фалдӕр чи ахӕца!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“