22 Мӕгуыр лӕджы, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй ма бастигъ, кулдуары раз ма бафхӕр гӕвзыччы,
Мӕгуыр лӕджы искуы афтидармӕй мӕ дуарӕй аздӕхтон, сидзӕргӕсы искуы ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ ныууагътон?
кӕд искуы сидзӕрмӕ мӕ къух систон, тӕрхон мӕ фарс кӕй уыдзӕн, уый ныфсӕй,
Мӕгуыр лӕгӕн дӕр тӕрхондоны фарсласӕн ма кӕн.
Раст ӕвзар дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры хъаст.
Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафдзысты, уымӕн ӕмӕ раст хъуыддӕгтӕ кӕныныл не сразы сты.
Мӕгуыр лӕджы ’фхӕргӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, хъӕздыгӕн та лӕвӕрттӕ чи кӕны, уый мӕгуырмӕ ’рцӕудзӕнис.
цӕмӕй Мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнӕбонтӕн раст тӕрхон ма кӕной, сӕ бартӕ сын ссӕндой, идӕдз устыты, сидзӕр сабиты стигъой.
Адӕм дӕр ӕфхӕрынц кӕрӕдзи, стигъынц ӕмӕ тухӕнӕй марынц мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы, ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы.
Макӕй ӕфхӕр ӕмӕ макӕй стигъ. Де ’ххуырстӕн йӕ мызд райсоммӕ дӕхимӕ ма уром.
Уӕ кӕрӕдзи-иу ма сайут, фӕлӕ тӕрсут уӕ Хуыцауӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.
сидзӕргӕсты ӕмӕ сидзӕрты, ӕрцӕуӕггӕгты ӕмӕ мӕгуырты ма ӕфхӕрут, уӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма аразут.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уадз ӕмӕ уе ’хсӕн, уӕ сахартӕй иуы, кӕм ӕй фӕнда, уым цӕра. Ма йӕ ’фхӕрут.