2 Хъӕздыг ӕмӕ мӕгуыр фӕрсӕй-фӕрстӕм ӕрлӕудзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.
Мӕн дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр мады гуыбыны Уый нӕ равзӕрын кодта? Нӕ дыууӕты дӕр мады гуыбыны Уый не сфӕлдыста?
Фӕлӕ Уый бардартӕн цурон митӕ нӕ кӕны, Уый хъӕздыг лӕджы мӕгуырӕй уӕлдӕр не ’вӕры, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се Скӕнӕг у Уый.
Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.
Мӕгуыр лӕгмӕ ӕмӕ тыхгӕнӕгмӕ иумӕйагӕй уый ис: сӕ дыууӕйӕн дӕр цӕсты рухс Дунедарӕг радта.
Цӕст къухӕн нӕ зӕгъдзӕни: «Ницӕмӕн мӕ хъӕуыс». Сӕр къӕхтӕн нӕ зӕгъдзӕни: «Ницӕмӕн мӕ хъӕут».
Дунедарӕг смӕгуыр кӕны ӕмӕ сбонджын кӕны, ӕрныллӕг кӕны ӕмӕ сбӕрзонд кӕны.