17 Дӕ хъус ӕрбадар ӕмӕ куырыхонты ныхӕстӕм байхъус, мӕ зондамындмӕ мын де ’ргом раздах:
Асафы псалом. О Хуыцау! Муртаттӕгтӕ ӕрбабырстой Дӕ зӕхмӕ, Дӕ уаз Кувӕндон фӕчъизи кодтой, Йерусалимы дур дурыл нал ныууагътой.
Сӕ къухтыл дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ.
зонд, рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн;
Дӕ зӕрдӕ зондамындмӕ здах, дӕ хъустӕ зонынадмӕ ’рбадар.
Мӕнӕ ма ноджыдӕр куырыхонты ’мбисӕндтӕ: тӕрхондоны искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу.
Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —
Куырыхонты ӕмбисӕндтӕ — фос тӕрӕджы лӕдзӕджы ӕнгӕс, хост зӕгӕлтау адӕймаджы зӕрдӕйы ахизынц. Чи сӕ фыста, уыдоны иу Фыййау рарвыста.
Мӕ зонды фӕрцы архайдтон басгарын: зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдон цавӕр барӕнтӕй ис абарӕн, ӕдылыдзинад цас ӕвзӕр у, ӕррадзинад цӕйбӕрц у ӕнӕзонд.
Ӕз архайдтон куырыхон зондмӕ баххӕссыныл, мӕн фӕндыд, зӕххыл цытӕ цӕуы, лӕгӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуыссӕг кӕй тыххӕй фӕлидзы, уыцы хъуыддӕгтӕ бамбарын.
Ӕз хъуыды кодтон ацы дунейыл; иутӕ ам ӕдзухдӕр хицӕуттӕ сты, иннӕтӕ та сын хъуамӕ сӕхи фыдӕнӕн коммӕгӕс уой. Иу адӕймаг иннӕмӕн хицау куы свӕййы, уӕд ӕй хъизӕмарӕй фӕмары.
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».