11 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕрын чи уарзы ӕмӕ йӕ дзыхы ныхас ӕхсызгон кӕмӕн у, уымӕн паддзах йе ’мбал уыдзӕн.
Натаны фырт Азариа — уллуты хицау; Натаны фырт Завуд, сауджын — паддзахӕн йӕ уынаффӕйы лӕг;
Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.
Мӕ фыр рыстӕй ӕз царм ӕмӕ стджытӕ фестадтӕн,
Бацамон мын Дӕ фӕндӕгтӕ, сахуыр мӕ кӕн Дӕ цӕуӕнтыл.
Хуыцау — нӕ ныфсы мӕсыг, нӕ хъару, тагъд ӕххуысгӕнӕг — алы фыдбылызы.
Паддзах йӕ зондджын цагъарӕн хӕрзаудӕн кӕны, чи йӕ сӕгад кӕны, уый та бафхӕры.
Паддзӕхтӕн раст ныхас ӕхсызгон у, ӕцӕгдзинад чи дзуры, уыдоны уарзынц.
Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕцӕгдзинад, ӕууӕнкхорӕн йӕ ныхӕсты мӕнгдзинад равдисы.
Куырыхоны ныхас фарн хӕссы, ӕдылыйы йе ’взаг сафгӕ кӕны.
Уый фӕстӕ паддзах Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Вавилоны бӕстӕйы ноджы уӕлдӕр систа.
Тӕхудиаг сты сыгъдӕгзӕрдӕтӕ — уыдон фендзысты Хуыцауы.
Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»