10 Ӕдзӕсгомы куы атӕрай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн, загъд ӕмӕ ’лгъыст басабыр уыдзысты.
Иоадайы байзӕддӕгтӕй дӕр иу, алчер Елиашивы фырт, хоронаг Санбаллаты сиахс уыди, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ӕз мӕ цурӕй фӕтардтон.
Мӕ зӕрдӕ — цӕф, бахус ис кӕрдӕгау, хӕрды мӕт дӕр мӕ ферох ис.
Ӕдылыйы ’взаг загъд къахы, йӕ дзыхы тыххӕй над баййафы.
Къӕйных ӕмӕ ’нӕввӕрсон адӕймаг, йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон.
Уыдонмӕ дӕр куынӕ байхъуса, уӕд зӕгъ аргъуанӕн ӕмӕ, кӕд аргъуанмӕ дӕр нӕ байхъуса, уӕд ӕм, муртаттаг ӕмӕ хъалонисӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, уыцы цӕстӕй кӕс.
Фӕлӕ уырнджытӕн сымах тӕрхон цӕуылнӕ кӕнут? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Фӕсурут уе ’хсӕнӕй хӕлд адӕймаджы!».
Израилӕгтӕ йӕ мардӕй куы федтой, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕм ныххӕлиу сты.