31 Тохы бонмӕ бӕх ӕрцӕттӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕлахиз Дунедарӕг ратты.
фӕлӕ Шамма ӕрлӕууыд хуымы астӕу ӕмӕ хуым дӕр бахъахъхъӕдта, филистимӕгты дӕр ныццагъта — Дунедарӕг стыр уӕлахиз саккаг кодта.
Дӕ алы фӕлдисонд дӕр, Дунедарӕг, кад кӕны Дӕуӕн, Дӕ сыгъдӕджытӕ Дын арфӕ кӕнӕнт.
Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ, Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ.
Дунедарӕг паддзахӕн йӕ ныфс у, Бӕрзӕндтыл Бадӕджы хорзӕх ӕй ис, ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн.
Бирӕтӕ дзурынц мӕнӕй: «Хуыцау ӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»
Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг! Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕн се ’фсӕртӕ ныссӕтт, базгъал фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ!
Ды зоныс, фидистӕ мын куыд кӕнынц, куыд мӕ ӕгад кӕнынц, аллайаг куыд фӕдӕн, уый! Мӕ фыдгултӕ иууылдӕр Дӕ разы сты.
Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.
Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!
Къуыбыртыл, фӕлывдӕй уӕлдай, ницы ис, хӕхтыл ӕрмӕст — хъӕлӕбагӕнӕг ӕмбырдтӕ. Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕндзӕн Израилы!
Бузныг Хуыцауӕй — Уый нын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы дӕтты уӕлахиз!