30 Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.
Фӕлӕ Уриа йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд. Бахсӕвиуат кодта паддзахы галуаны къӕсӕрмӕ, йӕ паддзахы дӕлдӕртимӕ.
Сылгоймаг къӕсӕрӕй куыддӕр ӕрбацӕйхызт, афтӕ йын Ахийа йӕ къахуынӕр айхъуыста ӕмӕ загъта: «Рахиз мидӕмӕ, Йоровамы ус. Цыма уый ды нӕ дӕ, афтӕ дӕхи цӕмӕн ӕвдисыс? Фыдохы уац мӕм ис дӕуӕн.
Сӕ иу ын дзуапп радта: «Нӕ, мӕ паддзах! Уый йын Израилы пехуымпар Елисей рахабар кӕны, ды дӕ хуыссӕнуаты цы фӕзӕгъыс, уыдӕттӕ дӕр».
Уый смӕсты кӕнын чи бауӕнддзӕн, ныхӕй-ныхмӕ йӕм чи ӕрлӕудзӕн?
Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.
Цыдӕриддӕр хъуамӕ ӕрцӕуа, уый ныридӕгӕн бӕлвырд у; адӕймаг цы у, уый дӕр зындгонд у — йӕхицӕй тыхджындӕримӕ хӕцын йӕ бон нӕу.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг рахаста тӕрхон — чи йӕ аивдзӕн? Уый систа Йӕ къух — чи Йын ӕй бауромдзӕн?
Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ мӕ тохвӕлтӕрд ӕмӕ хъомысджын ӕфсады ныхмӕ дӕ афтид ныхӕсты фӕрцы исты сарӕхсдзынӕ? Кӕмӕй дӕ ис ахӕм ныфс, ӕмӕ мӕ ныхмӕ ралӕууай?
Додой йӕ къона, йе Скӕнӕджы ныхмӕ чи рацӕуы, домгӕ Йӕ чи кӕны! Уый ницы у, дурыны саст ӕмӕ зӕххы рыджы йеддӕмӕ. Ӕлыджы мур куыд хъуамӕ бафауа дурынгӕнӕджы, уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ? Дурын дӕр йӕ саразӕгӕн куыд хъуамӕ бафидис кӕна, къухтӕ дын нӕй, ӕви, зӕгъгӕ?
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.
Уыдон сӕ нау былы ’рдӕм сарӕзтой ӕмӕ фыййӕгтӕй тынгдӕр ссонын байдыдтой, зӕхмӕ куы баирвӕзиккам, зӕгъгӕ. Фӕлӕ денджыз йӕ абухын нӕ уагъта, уылӕн сӕ ныхмӕ цавта, ӕмӕ сӕ фӕндӕй ницы рауад.
Ныр дӕр, зӕгъын уын, ма хъыгдарут ацы адӕмы. Кӕд сӕ хъуыддаг адӕймагӕй аразгӕ у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн.
Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ суат».
Йерихоны паддзахмӕ дзырд бахастӕуыд: «Ахсӕв нӕ сахары фӕзынд израилаг сгарджыты къорд».
ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур, цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у.