Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 21:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Зивӕггӕнаджы йӕ фӕндтӕ фесафдзысты, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ кусын нӕ уарзынц;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 21:25
13 Iomraidhean Croise  

Кусаг къух хицауиуӕг кӕндзӕн, магусатӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы бегара.


Магуса ӕфтиаджы ад нӕ зоны, куыстуарзаг та мулк ӕмӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух не ’ййафы.


Магуса цӕмӕдӕрты бӕллы, фӕлӕ дзӕгъӕлы, ӕнӕзивӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц.


Зивӕггӕнагӕн йӕ фӕндаг — сындзытӕй йедзаг, рӕстудты фӕндаг лӕгъз у.


Зивӕггӕнаг хӕринаджы тӕбӕгъы йӕ къух нытътъыссы, фӕлӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын зивӕг кӕны.


Зивӕггӕнаг йӕ афоныл хуым нӕ кӕны ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон ницы ссары.


Зивӕггӕнаг хъӕр кӕны: «Уынджы — домбай! Куыддӕр хӕдзарӕй рацӕуон, афтӕ ме сӕфт ӕрцыд!»


Магуса дзуры: «Фӕндагыл — домбай! Уынгты зилы домбай!»


Магуса йӕхимӕ, ахъуыдыгӕнгӕйӕ, дзуапп чи ратты, ахӕм авд лӕгӕй зондджындӕр кӕсы.


Йӕ хицау ын загъта: „Ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъар! Кӕм нӕ байтыдтон, уым кӕй кӕрдын ӕмӕ, кӕм нӕ райдзӕгътон, уым кӕй ӕмбырд кӕнын, уый кӕд зыдтай,


Йешуамӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд ын загътой: «Ӕппӕт адӕмы уырдӕм цӕуыны сӕр ницӕмӕн хъӕуы. Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ мин лӕджы куы ацӕуа, уӕддӕр ӕгъгъӕд уыдзӕни Гайы сахар басӕттынӕн. Бирӕ не сты гайӕгтӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ма бафтау фыдӕбоныл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan