24 Къӕйных ӕмӕ ’нӕввӕрсон адӕймаг, йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон.
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.
«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?
Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.
Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.
Ӕдзӕсгом ӕнӕ тӕрхонӕй нӕ баззайдзӕн, ӕдылыйы рагъ та — ӕнӕ надӕй.
Ӕдылыйы фӕндтӕ — тӕригъӕдджын, ӕдзӕсгомыл адӕм ӕлгъ кӕнынц.
Искӕуыл чи худы, ууыл Хуыцау фӕхуддзӕн, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты.
хирвӕссон цӕстӕнгас, мӕнг ӕвзаг, ӕнаххосты марӕг къухтӕ,
Мах фехъуыстам, Моав куыд ӕнӕввӕрсон у, йе схъӕл митӕн кӕрон куыд нӕй, куыд къӕйных ӕмӕ куыд налат у, куыд тутт сты йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ.
Уӕд сӕ кой дӕр нал уыдзӕн ӕфхӕрджытӕн, се сӕфт ӕрцӕудзӕни фидисгӕнджытӕн, бабын уыдзысты, фыдбылызтӕ аразынмӕ чи бӕллы, уыдон,
Моав сӕрыстыр, ӕнӕввӕрсон ӕмӕ къӕйных кӕй у, уый мах фехъуыстам.
Хъӕздыгдзинадыл нӕй зӕрдӕ дарӕн, кӕрӕф адӕймаг ӕнцой нӕ зоны; мӕрдтыбӕстау ныххӕлиу кӕны йӕ ком, бафсис ын нӕй мӕлӕтау. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты бакӕны йӕ дӕлбар.
Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.