21 Раст фӕндагмӕ ӕмӕ уарзондзинадмӕ чи тырны, уый ссардзӕнис цард дӕр, раст фӕндаг дӕр ӕмӕ кад дӕр.
Бӕрзонд у Дунедарӕг ӕппӕт адӕмты сӕрмӕ, арвӕй уӕлдӕр — Йӕ кад.
Рӕстуды фӕллӕйттӕ — царды сӕраппонд, ӕнӕхуыцауӕн та йе ’фтиаг — тӕригъӕд ракӕнынӕн.
Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый цӕрдзӕн, фыддзинады фӕдыл чи згъоры, уый мӕлӕтмӕ тырны.
Дунедарӕгӕн ӕнӕхуыцауы фӕндаг ӕлгъаг у, раст фӕндагыл чи цӕуы, ахӕмы уарзы.
Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ Дунедарӕджы тас — сӕ фӕдыл цӕуынц хъӕздыгдзинад, цыт ӕмӕ цард.
Уыдоны фӕрцы цӕрдзынӕ, дӕ хъуырыл сӕ бакӕндзынӕ фӕрдгуытау.
«Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, раст хъуыддӕгтӕ аразыныл йӕхи чи хъары ӕмӕ Мӕнмӕ чи кувы, уыдон! Скӕсут-ма, цы къӕдзӕхӕй уӕ ӕркарстӕуыд, уымӕ! Ныккӕсут-ма, цы донуатӕй уӕ скъахтӕуыд, уымӕ дӕр!
Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау».
Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.
Уӕдӕ тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ.
Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.
Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ ныридӕгӕн бахӕццӕ дӕн мӕ нысанмӕ кӕнӕ ӕнаипп сдӕн; фӕлӕ тындзын размӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй хӕрзиуӕг мӕхи бакӕнынмӕ — Йесо Чырысти мӕ уый тыххӕй скодта йӕхион.
Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.
Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ.
Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Бардарӕгмӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.
Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн.
Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.