Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 21:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Куырыхоны хӕдзары зынаргъ ӕвӕрӕнтӕ ӕвидигӕ сты, ӕдылы та сӕ ’нӕвгъауӕй хардз кӕны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 21:20
20 Iomraidhean Croise  

Цы мулк аныхъуырдта, уый фӕстӕмӕ сомдзӕн, — Хуыцау ын ӕй йӕ фарсӕй фӕкӕндзӕн.


Йӕ фӕллӕйттӕ хиды бынты ацӕудзысты, йе ’фтиӕгтыл цин нӕ кӕндзӕн.


Дунедарӕджы ном кадджын уӕд скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ!


Ахӕм адӕймаг райсдзӕни Дунедарӕджы, йӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, арфӕ ӕмӕ хорзӕх.


Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.


Куырыхонӕн йӕ кады худ — йӕ хъӕздыгдзинад, зондцух йӕхи йе ’дылы зондӕй сфӕлынды.


Рӕстуды хӕдзары бирӕ хӕзнатӕ ис, ӕнӕхуыцауӕн та йе ’фтиаг фыдбылыз ӕрхӕсдзӕн.


Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ Дунедарӕджы тас — сӕ фӕдыл цӕуынц хъӕздыгдзинад, цыт ӕмӕ цард.


цӕмӕй, чи мӕ уарзы, уыдонӕн аккаг хорзӕхтӕ балӕвар кӕнон, байдзаг сын кӕнон сӕ хӕзнадӕттӕ.


Куывд — ирхӕфсынӕн, сӕн — хъӕлдзӕг цардӕн, фӕлӕ сӕ дыууӕйыл дӕр ӕхца хардз кӕнын зонын хъӕуы.


Ахӕм адӕймаг йӕ ивгъуыдыл арӕх нӕ хъуыды кӕны, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг кодта.


Удӕгас лӕгӕн йӕ бынтӕй куыд пайда ис, афтӕ йӕ зондӕй дӕр.


Фӕлӕ дзы дӕс лӕджы Измаелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Ма нӕ амар! Махӕн быдыры ис ӕмбӕхсӕнтӕ, уым ис мӕнӕу, хъӕбӕрхор, оливӕйы сой ӕмӕ мыд». Ӕмӕ сӕ уӕд Измаел иннӕтау нал амардта.


Ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бадзырдтой: „Авӕрут-ма нын уӕ сойӕ, науӕд нӕ цырӕгътӕ фӕхуыссынц“.


Куы ницыуал ӕм баззад, уӕд уыцы бӕстӕйы стонг заман скодта, ӕмӕ хъуаг ӕййафын райдыдта.


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Иу хъӕздыг лӕг йӕ исбонӕн уынаффӕгӕнӕг дардта, ӕмӕ йӕм фӕхабар чындӕуыд, дӕ мулк дын хӕлӕттаг кӕны, зӕгъгӕ.


Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хӕзнадонӕй ӕддӕмӕ хорзӕй исты рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй — фыдӕх. Уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕйы цы ис, дзыхӕй дӕр уый цӕуы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan