Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 21:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Мӕгуыр лӕджы тӕригъӕддаг хъӕр фехъусгӕйӕ, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр искӕд бон хъӕр кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ ничи фехъусдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 21:13
20 Iomraidhean Croise  

Ӕз мӕ рон, цыма мӕ хӕзнатӕ зӕхмӕ калын, афтӕ ӕрцӕгъдӕгау кодтон ӕмӕ загътон: «Йӕ дзырдӕн хицау чи нӕ разына, уыцы адӕймаджы дӕр Хуыцау раст афтӕ фӕхауӕггаг кӕнӕд йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йӕ исбонӕй, ӕмӕ мӕ ронау афтидӕй аззайӕд!» Иууылдӕр загътой: «Аммен!» ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Адӕм хицау разындысты сӕ дзырдӕн.


уымӕн ӕмӕ ӕз мӕгуыр лӕгӕн уыдтӕн фӕдисон, сидзӕры ӕфхӕрын нӕ уагътон.


Амарынвӕнд мӕ скодтой, бабадтысты мӕ размӕ. О Дунедарӕг, нӕдӕр фыдракӕнд сарӕзтон, нӕдӕр — тӕригъӕд, афтӕмӕй мыл ӕртыхстысты тыхгӕнджытӕ!


уӕд ма мӕм сиддзысты, фӕлӕ дзуапп нӕ ратдзынӕн, агурдзысты мӕ, фӕлӕ мӕ нал ссардзысты.


Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.


Ӕмӕ адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд сымахӕн дӕр уӕ Уӕларвон Фыд ныббардзӕни уӕ тӕригъӕдтӕ.


уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.


Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“.


Уӕд уыдон иууылдӕр иумӕ ныхъхъӕр кодтой, сӕ хъустӕ ахгӕдтой ӕмӕ йыл ӕмхуызонӕй сӕхи ныццавтой.


Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе ’фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan