12 Раст Хуыцау йӕ цӕст дары ӕнӕхуыцауы хӕдзармӕ: ӕнӕхуыцауыл фыдбылыз ӕруадзы.
Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.
Ӕз федтон: ӕдылы йӕ уидӕгтӕ арф нӕма ауагъта, афтӕ ӕвиппайды йӕ хӕдзар ӕрбайхӕлди, ӕлгъыстау.
Йӕ хӕдзарыл куы банцой кӕна, уӕд ӕй уый нӕ бауромдзӕн, йӕ тых йӕ бонӕй йыл куы ныххӕца, уӕддӕр йӕ къахыл не слӕудзӕн.
«Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры, уыдон?»
Раст адӕймаг раст фӕндагыл цӕуы, тӕригъӕдджыны йе ’наккагдзинад фесафы.
Ӕнӕхуыцауы хӕдзар ныззыгуым уыдзӕн, рӕстуды хӕдзар — дидинӕфтыд.
Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
Ӕнӕхуыцӕуттӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд тӕригъӕд парахат кӕны, фӕлӕ сын рӕстудтӕ се сӕфт фендзысты.
Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».
Содом ӕмӕ Гоморрӕйау уӕ ныззыгуым кодтон. Пиллон артӕй цы ӕхсидав фелвасынц, уый ӕнгӕс уыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.
Фӕлӕ Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ фӕцагъды сты ӕдзӕрӕг быдыры.