8 Паддзах тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рбады, уӕд йӕ цӕстӕнгасӕй алы ’взӕрдзинад дӕр дымгӕмӕ ныддары.
уый у сӕуӕхсиды, ирд райсомы ’нгӕс, ӕрдзы срухсау, зӕххӕй кӕрдӕг чи сзайын кӕны, уыцы къӕвдайы фӕстӕ“.
Скодта ма йын паддзахы бадӕны агъуыст дӕр — тӕрхондон. Йӕ астӕрдӕй йӕ цары онг ыл бахуыдта кедры фӕйнӕджытӕ.
сӕ цард-цӕрӕнбонты хъизӕмар кӕй не ’взарынц, сӕ амӕлӕты онг сӕ хъару кӕй нӕ сӕтты, уый уынгӕйӕ.
Стаугӕйӕ, бахизут Йӕ кулдуарӕй, арфӕгӕнгӕ бацӕут йӕ кӕртмӕ, скад Ын кӕнут, арфӕ ракӕнут Йӕ номӕн.
Паддзӕхтӕ фыдракӕндтыл ӕлгъ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ паддзахы бадӕн раст зондӕй сфидар вӕййы.
Зондджын паддзах ӕнӕхуыцӕутты дымгӕмӕ ныддары, найгӕнӕнӕй сӕ бассӕнды.
ӕнӕхуыцауы паддзахы цурӕй аиуварс кӕн, ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕн раст зонды фӕрцы сфидар уыдзӕн.
Паддзах мӕгуыртӕн раст тӕрхон куы кӕна, уӕд йӕ паддзахы бадӕн мыггагмӕ фидар уыдзӕн.
Рӕхджы уын уыдзӕни рӕстаг Паддзах, ӕмӕ уӕд паддзӕхтӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ хицауиуӕг кӕндзысты.
Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый сафгӕ кӕны.