7 Рӕстуд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕры, йӕ байзӕддӕгтӕн тӕхудиаг у сӕ фидӕн.
Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.
Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.
Арфӕгонд уӕд Дунедарӕджы ном ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр!
Ӕз загътон Дунедарӕгӕн: «Ӕрмӕстдӕр Ды — мӕ Бардарӕг, мӕ иунӕг фарн Ды дӕ!»
Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ царды рухс, мӕ ирвӕзынгӕнӕг: кӕмӕй мын у тас? Дунедарӕг — мӕ царды мӕсыг: кӕй тӕссӕй хъуамӕ нырризон?
О Дунедарӕг, сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндагыл цӕуын! Раст фӕндагыл мӕ сараз — мӕ фыдгулты фыдӕнӕн!
Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.
Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый раст фӕндагыл цӕуы; Дунедарӕгыл ӕлгъ чи кӕны, уый цӕуы галиу фӕндӕгтыл.
Хуыцауы тас — фидар мӕсыг, Йӕ сабитӕн Уый у ӕмбӕхсӕн.
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уыцы мӕгуыр лӕг ӕдылы фӕлитойӕ — хуыздӕр.
Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.
Иу зӕрдӕ ӕмӕ иу фӕндаг сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ цӕрӕнбонты тӕрсой сӕхи ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты фарны сӕраппонд.
Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн».
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.