5 Адӕймаджы фӕндтӕ йӕ зӕрдӕйы денджызау арф сты, фӕлӕ сӕ зондджын раргом кӕны.
О, карз ӕмӕ раст тӕрхонгӕнӕг, фехъус нӕ! О Хуыцау, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг! Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕн, денджызы фале дард бӕстӕтӕн Ды дӕ сӕ ныфс.
Адӕймаджы ныхӕстӕ — арф доны ’нгӕс; уӕлзонды донгуырӕн цӕугӕдонау кӕлы.
Зивӕггӕнаг йӕ афоныл хуым нӕ кӕны ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон ницы ссары.
Иузӕрдион хӕлӕрттыл сӕхи бирӕтӕ нымайынц, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕймаджы кӕм ссардӕуа?
Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы моны йеддӕмӕ? Афтӕ, Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр, Хуыцауы Уды йеддӕмӕ, ничи зоны.