Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 20:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Хъаугъатӕй йӕхи дард чи ласы, уымӕн уый — кады хос, алы зондцух та загъд къахынмӕ гӕппӕй лӕууы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 20:3
17 Iomraidhean Croise  

Аврамы ӕмӕ Лоты фыййӕутты ’хсӕн-иу рауади быцӕутӕ. Уӕды заман уыцы зӕххыл цардысты ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕ дӕр.


Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм.


Йоаш дӕр ӕй ӕнӕ дзуаппӕй куыд ныууагътаид ӕмӕ йӕм ахӕм дзуапп арвыста: «Ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн загъта, дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ууылты тугдзых сырдтӕ фӕцӕйцыдысты ӕмӕ йӕ сӕ къӕхты бын ныссӕстой.


Мӕстыгӕр ӕдылы митӕ бирӕ кӕны; мӕнгард лӕг адӕмӕн — ӕнӕуынон.


Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.


Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый, сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр.


Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.


Ӕдылыйы ’взаг загъд къахы, йӕ дзыхы тыххӕй над баййафы.


Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.


Къӕйных ӕмӕ ’нӕввӕрсон адӕймаг, йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон.


Искӕй хъаугъамӕ йӕ дзых чи дары, уыцы фӕндаггон, куыдзӕн йӕ хъустӕм чи лӕбуры, уый хуызӕн у.


Цӕрут хӕларӕй, кӕрӕдзийы зындзинад уӕм хъарӕд, Хуыцау уын Чырыстийы фӕрцы куыд ныббарста, афтӕ хатыр кӕнут кӕрӕдзийӕн.


Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.


Сымахмӕ фыдӕх ӕмӕ хъаугъатӕ кӕцӕй ис? Уӕ мидӕг кӕрӕдзиимӕ цы монцтӕ тох кӕнынц, уыдон сӕ нӕ расайынц, ӕви?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan