Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 20:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Паддзахы хъахъхъӕнынц хӕрзаудӕн ӕмӕ ӕцӕгдзинад, йӕ паддзахы бадӕны ’рфидар вӕййы иузӕрдиондзинады фӕрцы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 20:28
11 Iomraidhean Croise  

Рыст адӕймаджы куывд, Дунедарӕджы раз йӕ зӕрдӕйы хъыгтӕ куы раргом кӕны, уӕд.


Ӕз та цыма адӕймаг нӕ, фӕлӕ уаллон дӕн: адӕмӕн — фидиссаг, дзыллӕйӕн — ӕлгъаг.


Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ царды рухс, мӕ ирвӕзынгӕнӕг: кӕмӕй мын у тас? Дунедарӕг — мӕ царды мӕсыг: кӕй тӕссӕй хъуамӕ нырризон?


О Дунедарӕг! Батӕригъӕд мын кӕн! Мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кӕн, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр аккаг фӕуон!


Иунӕг Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мӕ хъахъхъӕнӕг сис — ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн.


Паддзӕхтӕ фыдракӕндтыл ӕлгъ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ паддзахы бадӕн раст зондӕй сфидар вӕййы.


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.


Паддзах мӕгуыртӕн раст тӕрхон куы кӕна, уӕд йӕ паддзахы бадӕн мыггагмӕ фидар уыдзӕн.


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад дӕ макуы ныууадзӕнт, дӕ хъуырыл сӕ бакӕн фӕрдгуытау, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс, —


уӕд ӕрфидар уыдзӕн паддзахдзинад, ӕмӕ паддзахы бадӕныл, Давиды цатыры, ӕрбаддзӕни рӕстаг тӕрхонгӕнӕг, рӕстдзинадыл хӕцӕг.


Паддзах, мӕ уынаффӕ дын хъыг ма уӕд: хорз хъуыддӕгтӕ араз, мӕгуыр адӕмӕн ӕххуыс кӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уай. Чи зоны, уӕд фӕрнджын ӕмӕ ӕнӕмастӕй фылдӕр фӕцӕрдзынӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan