26 Зондджын паддзах ӕнӕхуыцӕутты дымгӕмӕ ныддары, найгӕнӕнӕй сӕ бассӕнды.
Адӕмӕй дзы чи уыди, уыдоны та ракодта ӕмӕ сӕ хырхытӕ, ӕфсӕйнаг къахӕнтӕ ӕмӕ фӕрӕттӕй кусыныл бафтыдта. Батардта сӕ агуыридур аразынмӕ. Афтӕ бакодта ӕппӕт аммонаг сахартӕн дӕр. Уый фӕстӕ йе ’фсадимӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхт.
Паддзах тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рбады, уӕд йӕ цӕстӕнгасӕй алы ’взӕрдзинад дӕр дымгӕмӕ ныддары.
Уӕртӕ кӕй ӕххуырстытимӕ куыстай, нӕ уыцы хӕстӕг Боаз ахсӕв мусы хъӕбӕрхор дымгӕмӕ дары.