Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 20:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Адӕймаг ард бахӕрыныл куы фӕтагъд кӕна кӕнӕ, хъуыды нӕ акӕнгӕйӕ, искӕмӕн зӕрдӕ куы бавӕра, уӕд къӕппӕджы бахаудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 20:25
15 Iomraidhean Croise  

Ӕрхауыны размӕ фӕзыны ӕнӕввӕрсондзинад, кадӕн йӕ разӕй — сӕрныллӕгдзинад.


Ӕдылыйӕн йе ’взаг — йӕ сафӕг, йӕ бырынкъ — йӕ ахсӕн хыз.


Лӕг бирӕ цӕуылдӕрты куы фӕтыхсы, уӕд фынтӕ фӕуыны, афтӕ ӕдылы дӕр йӕ бирӕдзурагӕй бӕрӕг дары.


«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.


Сымах фехъуыстат, уӕ рагфыдӕлтӕн афтӕ загъд кӕй уыди: «Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн».


Дзырд куынӕ раттай, уӕд та дыл ницы тӕригъӕд уыдзӕн.


Зӕрдаивӕй мацы дзур. Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, истӕй тыххӕй куы басомы кӕнай, уӕд-иу дӕ сомы сӕххӕст кӕн: барвӕндонӕй радтай дзырд.


Искӕй сӕндонмӕ куы бацӕуай, уӕд сӕнӕфсир, цас дӕ хъӕуы, уый бӕрц бахӕр, фӕлӕ дзы дӕ чыргъӕды ма нывӕр.


Сӕ ныййарӕг фыдтӕ ӕмӕ нӕм се ’фсымӕртӕ хъаст кӕнынмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд сын зӕгъдзыстӕм: „Батӕригъӕд нын кӕнут, ныууадзут нын уӕ чызджыты. Хӕсты рӕстӕг нӕ алкӕмӕн ус ссарын нӕ бантысти. Стӕй кӕд уӕ чызджытӕ сӕ къухы уӕхи фӕндонӕй нӕ бафтыдысты, уӕд тӕригъӕдджын не стут“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan