23 Сайаг уӕзбарӕнтӕ Дунедарӕджы раз ӕлгъаг сты, ӕхцон Ын не сты, сайгӕ цы барӕнтӕ кӕнынц, уыдон.
Дунедарӕгӕн сайаг барӕнтӕ ӕлгъаг сты, раст уӕзбарӕнтӕ — ӕхцон.
Сайаг барӕнтӕ, сайаг уӕзбарӕнтӕ — сӕ иу дӕр ӕмӕ сӕ иннӕ дӕр ӕлгъаг у Дунедарӕджы раз.
Раст барӕнт уӕ тӕраз, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн бат.
Хананейаг йӕ сайаг тӕрӕзтимӕ уарзы ӕфхӕрын,
Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.
Дӕ хызыны дыууӕ алыхуызон уӕзбарӕны ма уӕд, сӕ иу — стырдӕр, иннӕ — къаддӕр.