22 Ма дзур: «Ӕз мӕ маст райсдзынӕн!» Дӕхи Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ Уый фыдбылызӕй бахиздзӕн.
Кӕд Дунедарӕг ӕркӕсид, къӕхты бын мӕ куыд кӕнынц, уымӕ, ӕмӕ мын абоны ӕлгъыст хорзӕн фӕкӕнид».
Хорз ӕвзӕрӕй чи фиды, уымӕн йӕ хӕдзарӕй фыдбылыз иуварс никуы ацӕудзӕн.
Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.
Кӕрӕфӕй цы бынтыл ныххӕлоф кӕнай, уыдон арфӕгонд нӕ уыдзысты.
Афтӕ ма зӕгъ: «Уый мын куыд бакодта, ӕз дӕр ын афтӕ бакӕндзынӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзынӕн».
Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.
Дӕ адӕмӕй дӕ маст ма ис, хӕрамзӕрдӕйӕ макӕмӕ кӕс. Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Дунедарӕг.
Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ма бафхӕр. Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ галиу дӕр бадар.
Мӕ бар уадзут маст исын, аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз, иу афон фӕцуддзысты. Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис, рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.
Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.
Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.
Уӕдӕ, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ хъизӕмар чи ӕвзары, уыдон сӕхи бафӕдзӕхсӕнт иузӕрдион Сфӕлдисӕгыл ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразӕнт.
Давид йӕ адӕмӕн загъта: «Алчидӕр уӕ йӕ кард йӕ астӕуыл бабӕттӕд». Ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ кард йӕ астӕуыл бабаста, Давид йӕхӕдӕг дӕр. Давиды фӕдыл ацыд иу-цыппарсӕдӕ лӕджы, дыууӕсӕдӕйӕ та асадӕны баззадысты.