21 Кӕрӕфӕй цы бынтыл ныххӕлоф кӕнай, уыдон арфӕгонд нӕ уыдзысты.
Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ’лгъиты, уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.
Ма дзур: «Ӕз мӕ маст райсдзынӕн!» Дӕхи Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ Уый фыдбылызӕй бахиздзӕн.
Мӕнгдзинады фӕрцы йӕхицӕн мулк чи самал кӕны, уый тагъдивгъуыйаг уддзӕфы, мӕлӕты фӕдыл зилы.
Хъӕздыгдзинады фӕдыл ма згъор, кӕд ӕрлӕууын хъӕуы, уый зон;
Иузӕрдион адӕймаг — сӕдӕ хатты арфӕгонд, мулкыл хӕлоф чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.
Фыд зыд хъӕздыгдзинадмӕ тагъд кӕны, йӕ фӕдыл гӕвз кӕй цӕуы, уый нӕ зоны.
Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.
Фӕлӕ йыл уыдон сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты ӕмӕ, хынджылӕггӕнгӕ, дзурдзысты: «Додой йӕ къона, искӕй фӕллӕйттӕ чи ссивы, тыхтонайы фӕрцы йӕ исбоныл чи ӕфтауы, уымӕн! Бирӕ ма дын бантысдзӕн?!»
Уыцы ӕлгъыст Мӕнӕй рацыд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ алы давӕджы, стӕй, Мӕ номӕй мӕнг сомы чидӕриддӕр ракӕны, уымӕн йӕ хӕдзармӕ уыцы ӕлгъыст бацӕудзӕн ӕмӕ йӕ ныззыгуым кӕндзӕн, дур ӕмӕ дзы фӕйнӕг нал баззайдзӕн».
куынӕ Мӕм хъусат ӕмӕ Мын Мӕ номӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад куынӕ кӕнат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕд уын Ӕз ралгъитдзынӕн уӕ арфӕтӕ, ныридӕгӕн сӕ ’лгъитын, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ номӕн зӕрдиагӕй кад нӕ кӕнут.
Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг.