2 Паддзахы маст — домбайы рыхын, дӕхиуыл ӕй куы бафтауай, уӕд дӕ тӕригъӕд дӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн.
Ӕмӕ паддзах Соломон сомы ракодта Дунедарӕгӕй: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Адониа йӕ уыцы курдиаты тыххӕй мард ӕрцӕудзӕн!
Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны мӕ Чи сбадын кодта ӕмӕ, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ мын мӕ мыггаг чи сбӕрзонд кодта, Уымӕй: тӕккӕ ацы бон Адониа амӕлдзӕн».
Паддзахы маст — домбайы рыхын, йӕ хорзӕх та, цыма кӕрдӕгыл ӕртӕх ӕрызгъӕлы, уыйау.
Мӕ ныхмӕ чи сысты, уый та йӕхӕдӕг йӕхи сафы, ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон уарзынц мӕлӕт».
Дӕ паддзах дӕм куы смӕсты уа, уӕд дӕ куыстӕй ма алидз; сӕрныллӕгӕн бирӕ рӕдыдтӕ ныххатыр кӕнынц.
Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.
Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?
Бирӕ адӕмты сафгӕйӕ, фӕхудинаг кодтай дӕ хӕдзар, ӕмӕ дӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕты тӕрхон.
уыдон срухс сты ныр ацы тӕригъӕдджынты амардӕй; тӕнӕг сыфтӕ сӕ рацӕгъдӕнт нывондхӕссӕн ӕмбӕрзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы размӕ бахастой, ӕмӕ срухс сты. Развӕдзӕхстау уӕнт израилӕгтӕн!»