Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 20:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Фӕндтӕ кӕнгӕйӕ, искӕимӕ уынаффӕ кӕн; тӕрхӕтты фӕстӕ тохы бацу.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 20:18
16 Iomraidhean Croise  

Цы дын зӕгъон, уый бакӕн ӕмӕ ма бабын уай дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырт Соломон дӕр.


Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ мӕ тохвӕлтӕрд ӕмӕ хъомысджын ӕфсады ныхмӕ дӕ афтид ныхӕсты фӕрцы исты сарӕхсдзынӕ? Кӕмӕй дӕ ис ахӕм ныфс, ӕмӕ мӕ ныхмӕ фӕуай?


Ӕнӕ зондамындӕй адӕм фесӕфынц, фӕлӕ, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа, уым сӕ уӕлахиз — цӕттӕ.


Уынаффӕгӕнӕг куынӕ уа, уӕд хъуыддаг нӕ сырӕздзӕн, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ куы уой, уӕд алцыдӕр къухы бафтдзӕнис.


Тохы куы бацӕуай, уӕд уынаффӕтӕм хъус, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа, уым — уӕлахиз.


Кӕнӕ иу паддзах иннӕйы ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕни, мыййаг, ӕмӕ, ссӕдз минимӕ йӕ размӕ чи рацӕуы, уый ныхмӕ дӕс минимӕ фӕлӕууын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, уый тыххӕй рагацау нӕ бауынаффӕ кӕндзӕн?


Уыцы хабар чидӕриддӕр федта, уыдон дзырдтой: «Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ ахӕм хабар никуыма ӕрцыди. Исты кӕнын хъӕуы!»


Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй».


Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»


Уӕдӕ ныр, израилӕгтӕ, ӕркӕсут ацы хъуыддагмӕ ӕмӕ исты уынаффӕ рахӕссут!»


Ехх, ӕз ацы адӕмӕн хицау куы уаин, уӕд Авимелехы бӕргӕ атӕрин ардыгӕй!» Ӕмӕ Гаал фӕсидти Авимелехмӕ, де ’фсад ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ хӕстмӕ рацу, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan