Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 20:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Адӕймаг ӕрыгонӕй дӕр йӕ митӕй бӕрӕг вӕййы — йӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг ӕмӕ цӕсгомджын сты ӕви нӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 20:11
11 Iomraidhean Croise  

Йӕ паддзахиуӕджы ӕстӕм аз, нырма ӕрыгон уыдис, афтӕмӕй Иосиа йе ’ргом сарӕзта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы ’рдӕм. Дыууадӕсӕм аз та Иудей ӕмӕ Йерусалим сыгъдӕг кӕнын райдыдта кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕй, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕй.


Фыддзинад дын хорз ракӕнынӕй — ӕхцондӕр, мӕнгдзинад та — раст ныхӕстӕ дзурынӕй.


Бахиз мӕ фыдгӕнджытӕй, тугцъиртӕй мӕ фервӕзын кӕн!


Хъусгӕ цы хъус кӕны ӕмӕ уынгӕ цы цӕст кӕны — иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.


Фӕлитой галиу фӕндагыл цӕуы, сыгъдӕгзӕрдӕйӕн йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕууӕнкджын.


Лӕппу фыдуаг митыл куы сагъуыйы, уӕд, цӕмӕй йе ’дылы зонд ныууадза, уый тыххӕй йӕ уисӕй нӕмын хъӕуы.


Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Сындзы къутӕрӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц кӕнӕ ичъийӕ — легъуи?


уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕдӕр сӕн нуаздзӕн, нӕдӕр ӕндӕр исты карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй хайджын уыдзӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ.


Хабар-иу чи фехъуыста, уыдон-иу хъуыдыты аныгъуылдысты ӕмӕ сӕхинымӕр дзырдтой: «Чи уыдзӕн, цымӕ, уыцы сывӕллон?» Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Хуыцау уыдис Иоаннимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan