Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 2:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уӕд бамбардзынӕ рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы, алы хорз фӕндаджы мидис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 2:9
16 Iomraidhean Croise  

Раст фӕндагыл слӕууыдысты мӕ къӕхтӕ, ӕмбырдты Дунедарӕджы стаудзынӕн!


Ӕгас зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй, дун-дуне ӕмхуызонӕй ризӕд Йӕ разы.


Фыдгӕнджытӕ, рӕстдзинад цы у, уый не ’мбарынц, фӕлӕ, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон ӕй ӕххӕстӕй бамбардзысты.


Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ цыды къуылымпы не ’ййафдзынӕ, куы азгъорай, уӕд нӕ фӕкӕлдзынӕ.


Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;


Ӕз цӕуын раст фӕндагыл, раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,


Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Израилы Уаз Хуыцау: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, ӕмӕ уӕ размӕ хонын уӕ царды фӕндагыл, ахуыр уӕ кӕнын, ахъаз уын цы фӕуыдзӕн, ууыл.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan