Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 2:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Рӕстгӕнджытӕн Уый ӕрцӕттӕ кодта уӕлахиз, тӕригъӕдӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 2:7
16 Iomraidhean Croise  

Сырдты хъалдӕр йӕ фӕндаг ууылты никуы ракодта, домбай йӕ дзӕмбы уыцы ран никуы ӕрӕвӕрдта.


Ӕрвылбон Дын кад кӕндзынӕн, мыггагмӕ Дын ӕппӕлдзынӕн Дӕ номӕй.


Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, мӕнӕн мӕ уарт ӕмӕ мӕ кад дӕ, мӕ сӕр мын ӕгадмӕ нӕ уадзыс.


Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.


Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд, йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.


Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уый ӕдас уыдзӕн, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕвиппайды ’рхаудзӕн.


Хуыцауӕн Йӕ алы ныхас дӕр сыгъдӕг у; йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.


Уынаффӕ ӕмӕ ӕнтыст мӕнмӕ сты; ӕз зонд дӕн, ӕмӕ хъару мемӕ ис.


Сыгъдӕг Фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Зондджынтӕн фесафдзынӕн се стыр зонд, ӕмбаргӕтӕ нал ӕмбардзысты».


Иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтӕй Хуыцау кӕмӕ фӕсидти, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у.


Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,


Уӕлзонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan