5 уӕд Дунедарӕгӕй тӕрсын цы нысан кӕны, уый бамбардзынӕ, уӕд базондзынӕ Хуыцауы.
Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».
Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.
Зондджын лӕппу Хуыцауы ’гъдау ӕххӕст кӕны, ӕнӕуагтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ фыды худинаг кӕны.
Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.
Хуыцауӕй тӕрсын — куырыхон зонды райдиан, Уаз Хуыцауы базонын — ӕмбаргӕ зонды ӕвдисӕн.
Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур, фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад, уӕлзонд ӕмӕ зонынад, Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.
Ӕмбаргӕ зӕрдӕтӕ сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ зоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый базоной. Уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Мӕм зӕрдиагӕй раздӕхдзысты.
Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.
Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый Мӕн кӕй зоны ӕмӕ Мӕн кӕй ӕмбары, уымӕй ӕппӕлӕд. Ӕз, Дунедарӕг, зӕххыл аразын хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕхсызгон сты», — зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау».
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыдӕй дарддӕр; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны Фыртӕй дарддӕр ӕмӕ йӕ Фырт кӕмӕн раргом кӕны, уый йеддӕмӕ».
Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.
Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.