22 ӕнӕхуыцӕуттӕ та фӕхъӕудзысты зӕххӕй, фӕлитойты сӕ бындзарӕй срӕдувдзысты.
Дунедарӕг Израилы сӕргъы сӕвӕрдзӕн ӕндӕр паддзах, ӕмӕ уый мыггагыскъуыд фӕкӕндзӕн Йоровамы хӕдзарвӕндаг. Гъе афтӕ, уӕдӕ куыд? Гъеныр ӕрцыди йе сӕфт!
Афтӕ фӕмард ис Саул, Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй. Йӕ дзырдмӕ Йын нӕ байхъуыста, суанг ма бафарста мӕрдтӕмсидӕджы дӕр,
бӕллӕхы бон фыдгӕнӕг ӕнӕхъыгдардӕй баззайы, Азары бон ацӕуы йӕ иувӕрсты.
кӕрдӕджы мур дӕр нал ныууагътой зӕххыл, сӕ быдырты дӕр нал баззади халсар.
Мӕ фыдгултӕ та фидар кӕнынц сӕ царды, ӕнӕ ’фсонӕй ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон сбирӕ сты.
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, ма мӕ ныууадз, ма адард у мӕнӕй!
«Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры, уыдон?»
Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн Сионӕй ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы ’рцӕуид! Хуыцау Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха, уӕд Йаков ныццин кӕндзӕни, ӕмӕ Израил райдзӕни.
Рӕстуд мыггагмӕ нӕ фӕцуддзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕ зӕххыл нӕ баззайдзысты.
Рӕстзӕрдӕйы йӕ сыгъдӕг зӕрдӕ размӕ кӕны, фӕлитойы йӕ мӕнгарддзинад фесафы.
Ахӕм адӕймагӕн Дунедарӕг нӕ ныххатыр кӕндзӕн, Йӕ маст пиллон артау ссудздзӕн уыцы адӕймагмӕ, ацы чиныджы ӕлгъыстытӕ йыл ӕрцӕудзысты, ӕмӕ арвы бын йӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн.
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъди, ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕм фӕсырдта сӕ зӕххӕй, ныронг дӕр уым сты“.
Цадӕггай фесафдзӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй ацы адӕмты, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕваст куы скуынӕг кӕнат, уӕд сӕ бынаты хъӕддаг сырдтӕ ӕгӕр сбирӕ уыдзысты.