21 Уымӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрдзысты рӕстгӕнджытӕ, рӕстзӕрдӕтӕ йыл баззайдзысты,
Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.
Дунедарӕг Иовӕн йӕ дарддӕры царды бонтӕ раздӕры цардӕй арфӕгонддӕр скодта: цыппӕрдӕс мин сӕры йӕм фысвос фӕзынд, ӕхсӕз мины — теуатӕ, мин цӕды — галтӕ, мин сӕры — сыл хӕрджытӕ.
Мӕ зӕрдӕ ризы, батади мӕ хъару, мӕ цӕсты рухс мынӕг кӕны.
Ӕрхауынӕввонг дӕн, мӕ рыст мӕ уӕгъд нӕ уадзы.
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, ма мӕ ныууадз, ма адард у мӕнӕй!
Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.
Бастадтӕн, басасти мӕ хъару, зӕрдӕрыстӕй ныхъхъӕр кӕнын.
Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
Рӕстуд мыггагмӕ нӕ фӕцуддзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕ зӕххыл нӕ баззайдзысты.
Раст адӕймаджы галиу фӕндагмӕ чи сайы, уый йӕхи къӕппӕджы бахаудзӕн, сыгъдӕгзӕрдӕ та схайджын уыдзӕн фарнӕй.