19 Мидӕмӕ йӕм чи бахизы, уый царды фӕндагыл нал ацӕуы.
Мӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахаудтӕн, сӕ цӕстытӕ мӕм ныззынг кодтой — хъуамӕ мӕ афӕлдахой зӕххыл.
Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;
Дӕ царды кӕрон дӕ буар куы батайа, уӕд хъӕрздзынӕ ӕмӕ дзурдзынӕ: „Зондамынд мын ӕнӕуынон цӕмӕн уыди, уайдзӕфтыл ӕнӕввӕрсон цӕмӕн уыдтӕн?
Уый царды фӕндагыл нӕ хъуыды кӕны, йӕ фӕндӕгтӕ куыд фӕлдурӕджджын сты, уый йӕхӕдӕг дӕр нӕ зоны.
Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.
Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.
Ау, эфиопаг йӕ царм аивдзӕн, науӕд фыранк? Уӕдӕ сымахӕн дӕр уӕ бон хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын нӕу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕндтӕ кӕныныл сахуыр стут.
Ӕз уын уӕ чызджыты сӕ хъахбай миты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн, стӕй уӕ чындзыты дӕр се ’нӕуаг миты тыххӕй Мӕ азары хай нӕ бакӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр хъахбайтӕ стут ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр хъахбайтимӕ хӕссут, ницызонӕг адӕм та сӕфынц.
Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд ӕмӕ сомы ӕнӕивгӕ кӕй сты, уыдонӕн мӕнг уӕвӕн кӕй нӕй, уый махӕн дӕтты стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, цы зӕрдӕдарӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.