Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 2:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 талынг фӕндӕгтыл цӕуыны мондагӕй, раст фӕндаг чи ныууагъта,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 2:13
21 Iomraidhean Croise  

хахуыртӕ чи нӕ мысы, йӕ хӕларӕн фыдбылыз чи нӕ аразы, йӕ хионы чи нӕ фауы;


Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз; цӕр зӕххыл иузӕрдионӕй.


Зӕгъынц: «Цӕй ӕмӕ ацы адӕмы ныццӕгъдӕм, цӕмӕй Израилы номӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр макуыуал райхъуыса!»


Раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл ис, уый мӕрдты ’хсӕн йӕ бынат ссардзӕн.


ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.


Фидыды фӕндаг нӕ зонынц, раст хъуыддӕгтӕ нӕ аразынц. Цӕуынц галиу фӕндӕгтыл ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фарн не ссардзысты сӕхӕдӕг дӕр.


Рӕстгӕнӕг йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сисы ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайы, уӕд амӕлы йе ’нӕраст миты аххосӕй.


стӕй, Дунедарӕгмӕ йӕ чъылдым чи раздӕхта, чи Йӕ нӕ агуры ӕмӕ Йӕ чи нӕ фӕрсы, уыдоны.


Уыди Хуыцауӕй ӕрвыст лӕг, йӕ ном Иоанн.


Уӕд сын Йесо загъта: «Иу цасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕни рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, цӕмӕй уӕ талынг ма бамбӕрза, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕгмӕ йӕ развӕд нӕ зыны.


Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.


Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит — Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ.


Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, се ’ппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan