8 Зондагурӕг чи зилы, уый йӕ удыл тыхсы; уӕлзонд чи хъахъхъӕны, уый фарн ссары.
Зондӕй чи архайы, уый ӕнтыстджын уыдзӕн, Йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, уый — тӕхудиаг.
Ӕдылыйы та ’хцайы хызын цӕмӕн хъӕуы? Зонд дӕм куынӕ уа, уӕд уӕлзонд нӕ балхӕндзынӕ.
Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлитойӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн.
уыдон дын дӕ зӕрдыл дарын ӕхсызгон уыдзӕн, уадз, ӕдзухдӕр де ’взагыл бадой.
Чи дзы схайджын ис, уымӕн у царды бӕлас, чи йӕ хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты.
Мӕ лӕппу, уыдӕттӕй дӕ цӕст ма ис, раст зондахаст ӕмӕ арфуынӕг зонд хъахъхъӕн.
Уыдоны фӕрцы цӕрдзынӕ, дӕ хъуырыл сӕ бакӕндзынӕ фӕрдгуытау.
Дӕ цӕст сӕ ма ис, дӕ зӕрдӕйы сӕ арф бавӕр,
Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта: «Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.
Уӕлзонд рохуаты куынӕ ныууадзай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзӕн, уарзгӕ йӕ кӕн, ӕмӕ дӕ бахиздзӕн.
Ӕз уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ, ног уд уын бавӕрдзынӕн уӕ мидӕг. Уӕ риуӕй уын дур зӕрдӕ райсдзынӕн ӕмӕ уын сӕрныллӕг зӕрдӕ ратдзынӕн.
Йӕ цард зынаргъ кӕмӕн у, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ цардыл чи нӕ ауӕрды, уый та мыггагмӕ цӕрдзӕни.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, стӕй йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ «тӕхудиаг цардӕй цӕрын, амондджын бонтӕ ӕрвитын кӕй фӕнды, уый ма уӕд маргӕвзаг, йӕ дзыхӕй ма рацӕуӕд мӕнг ныхас,